39 Ногӕй та иуварс ацыди ӕмӕ куывта, уымӕй размӕ куыд куывта, афтӕ.
Кувгӕйӕ та уӕлдай ныхӕстӕ ма дзурут муртаттӕгтау — уыдон афтӕ ӕнхъӕл сты, ӕмӕ, фылдӕр куы дзурой, уӕд сӕ куывд хуыздӕр фехъуысдзӕн Хуыцаумӕ.
Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фыдӕвзарӕны ма фӕцудат. Уд фидар у, буар та — лӕмӕгъ».
Ӕмӕ сӕм куы ӕрбаздӕхти, уӕд та сӕ фынӕйӕ баййӕфта; сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты, ӕмӕ Йын цы дзуапп раттаиккой, уый нӕ зыдтой.
Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:
Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Бардарӕгӕн,
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.