24 Йесо сын дзуапп радта: «Нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уый уӕ нӕ рӕдийын кӕны, ӕви?
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.
О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!
Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.
Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.
Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.
Уымӕн ӕмӕ Мӕ нывонд нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ, иууылсудзинаг нӕ, фӕлӕ — Хуыцауы базонын.
Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта.
Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых зонут.
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕймаджы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у Йӕ бон».
Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕцыйы ус уыдзӕн? Сӕ авды бинойнаг дӕр куы уыд».
Мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты ӕнгӕс.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн».
Уымӕн ӕмӕ уыдон уӕдмӕ Сыгъдӕг Фыстӕй нӕма ӕмбӕрстой, Йесо мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уа, уый.
Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.
Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.
куыд ӕгӕрон у Йӕ хъомысы стырад нӕ зӕрдӕты мидӕг махӕн — уырнджытӕн, Йӕ барджын тыхы архайды фӕрцы.
Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.