Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Марк 10:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уый бануазын кӕнӕ, Ӕз Мӕхимӕ кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын уӕ бон бауыдзӕн?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Марк 10:38
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Соломон йӕ мадӕн дзуапп радта: «Куыд? Цӕмӕн курыс Адониайӕн шунемаг Авишагы? Ӕххӕст ма йын уӕд паддзахы бадӕн дӕр ракур, уымӕн ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр у, стӕй сауджын Авиафар дӕр ӕмӕ Церуайы фырт Йоав дӕр йӕ фарс сты!»


Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.


Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».


Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.


«Аввӕ, Мӕ Фыд, Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у Дӕ бон. Ацы хъизӕмӕртты кӕхц Мын ма бадар. Фӕлӕ, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ — Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!


«Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон у, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бануазын кӕн. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»


Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй.


Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ