Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Малахиа 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Малахиа 4:4
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы бафӕндыди Йӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын — Йӕ бӕрзонд, Йӕ кадджын Ӕгъдау, сымах бафхӕргӕйӕ, равдисын.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм.


Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“.


Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фидыд сарӕзта немӕ Хоревы.


Макуы уӕ ферох уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ Йын макуы ахизут Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты, мӕнӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдоны сӕрты.


Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы ферох кӕнат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы адзӕгъӕл уат, уӕд, кӕй бабын уыдзыстут, уый уын ӕз абон рагацау зӕгъын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ