Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Малахиа 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Малахиа 3:8
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стауын Дӕ, Дунедарӕг — ингӕнӕй мӕ сластай, ме знӕгты мыл уӕлахиз кӕнын нӕ бауагътай.


Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.


Уӕ фыстӕй Мын нӕ хастат иууылсудзинаг, ницы нывӕндтӕ Мын кодтат Мӕ кадӕн. Нӕ уӕ домдтон Мӕхицӕн хойраджы хуынтӕ, нӕ уӕ тыхсын кодтон, буд Мын судзут, зӕгъгӕ.


Дыргътӕ уӕ бон хӕрын уыдзӕни фӕндзӕм азӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бӕлӕсты бӕркад бирӕ уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Зӕд мын загъта: «Ӕгас зӕххыл цы ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн, уый у. Тухгӕ чиныджы иу фарсыл куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, алы давӕг дӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн, ӕмӕ, йӕ сомы чидӕриддӕр фӕсайы, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕздзӕн, йӕ иннӕ фарсыл куыд фыст ис, афтӕ.


Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Науӕд нывондӕн куырм, къуылых кӕнӕ рынчын фосы кӕй ӕрбахӕссут, уый уӕм хорз кӕсы? Де ’лдары размӕ-ма сӕ бахӕсс, цымӕ дӕ разыйӕ баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».


Йесо сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». Ӕмӕ Йыл дис кодтой.


Уӕд сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».


Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.


Зӕгъыс «ма хӕт» — ӕмӕ хӕтыс! Былысчъилтӕ кӕныс гуымирытыл — ӕмӕ кувӕндӕттӕ къахыс!


Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты ’хсӕн бамбӕхстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ