6 Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.
Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, цӕмӕй дын ацы зӕхх раттон, уый тыххӕй дӕ халдейаг Урӕй Чи ракодта, Уый. Фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ӕй айс».
«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,
Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау. Уӕ рахиз къухыл уын хӕцын ӕмӕ уын зӕгъын, ма тӕрсут, Ӕз уе ’ххуысгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Паддзах, йӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау.
Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт цӕрӕг удты Хуыцау. Мӕ бон саразын цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?
Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!
Мӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ ацӕудзынӕн, нӕ фесафдзынӕн Ефремы. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕн адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕн Уаз ӕмӕ сахармӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, нӕ бацӕудзынӕн».
О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай!
Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?
Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!
Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.
Йесо Чырысти знон цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у ӕмӕ мыггагмӕ дӕр ахӕм уыдзӕн.
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
«Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ [райдиан ӕмӕ кӕрон]», — зӕгъы Бардарӕг Хуыцау, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый — Ӕппӕтылхӕцӕг.
Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».
Израилы кадджын Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн Йӕ тӕрхоныл, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕу — Йӕ тӕрхон нӕ ивы».