13 Сымах къӕйныхӕй дзурут Мӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Зӕгъдзыстут Мын: «Цымӕ цы дзурӕм?»
Хуыцауӕн Йӕ ныхмӕ куы сдӕ ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ куы кӕныс, уӕд?
Иууылдӕр иумӕ сӕ дӕлдзӕхы баныгӕн, ныккӕнды дуӕрттӕ сыл сӕхгӕн.
Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».
Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.
Кӕй фаудтай ды, Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ? Кӕуыл хъӕр кодтай, Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй? Израилы Стыр Хуыцаумӕ.
Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ, йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон:
Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»
Уӕларвы ус-хуыцауӕн буд куынӕуал судзӕм ӕмӕ йын сӕн куынӕуал калӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ та алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафӕм, кард ӕмӕ стонгӕй сӕфӕм».
Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.
Сымах зӕгъут, Дунедарӕджы тӕрхон раст нӕу, зӕгъгӕ. Байхъусут-ма, Израилы адӕм! Ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!
Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.
Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.
Сымах зӕгъут: «Цӕй тыххӕй?» Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, ӕвзонгӕй дын чи уыд, дӕ уыцы ус ӕмӕ де ’хсӕн ӕвдисӕн ныллӕууыд, ды та йыл рацыдтӕ гадзрахатӕй, афтӕмӕй уый дӕ цардӕмбал у, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — де ’мкъай.
Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»
Адӕмтӕ уӕ амондджын хондзысты, уымӕн ӕмӕ тӕхудиаг уыдзӕн уӕ зӕхх, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Сымах зӕгъут: «Дзӕгъӕлы лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Цы пайда нын ис, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын кӕй ӕххӕст кодтам ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы раз хъыггӕнгӕйӕ кӕй цардыстӕм, уымӕй?
Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ.
Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
Уый йӕхи, хуыцаугондыл кӕнӕ табуйагыл цыдӕриддӕр нымадӕуы, уыдонӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ сыстдзӕни. Суанг Хуыцауы Кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи расиддзӕни Хуыцауӕй.