Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Малахиа 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Адӕмтӕ уӕ амондджын хондзысты, уымӕн ӕмӕ тӕхудиаг уыдзӕн уӕ зӕхх, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Малахиа 3:12
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис.


цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.


Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой, сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты алы знӕмты астӕу. Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты, Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта, ахӕм адӕм кӕй сты, уый».


Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.


Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы, афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг, усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны, афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.


Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.


Бабырсдзӕни алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм, ӕмӕ мингай адӕмтӕ йӕ амӕттаг бауыдзысты. Фӕлӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, стӕй аммонӕгтӕн сӕ фылдӕрыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Сыкъатӕй иуыл разади гыццыл сыкъа, уый фӕстӕ бӕлвырд фестырдӕр, аххӕссыд хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».


Сымах къӕйныхӕй дзурут Мӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Зӕгъдзыстут Мын: «Цымӕ цы дзурӕм?»


Уый ӕркасти Йӕ сӕрныллӕг цагъар чызгмӕ, ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕм хондзысты арфӕгонд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Уыцы бӕстӕйыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ауды ӕппынӕдзух. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афӕдзы райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ уымӕ Йӕ цӕст дары.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ