5 Мӕ фидыды йын Ӕз балӕвар кодтон цард ӕмӕ амонд, ӕмӕ йын дыууӕ дӕр радтон, цӕмӕй Мын кад кӕна, Мӕ номы раз Мын аргъуыц кӕна, уый тыххӕй.
Уӕ зӕрды ис адӕймаджы бӕрзондӕй зӕхмӕ фехсын, фӕливын уын ӕхсызгон у. Дзыхы ныхасӕй арфӕтӕ кӕнынц, зӕрдӕйӕ та — ӕлгъитгӕ.
Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый раст фӕндагыл цӕуы; Дунедарӕгыл ӕлгъ чи кӕны, уый цӕуы галиу фӕндӕгтыл.
Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.
Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон.
Пинхас, Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй сыстад ӕмӕ арц райста.
Уыцы израиладжы фӕстӕ цатырмӕ бацыд ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр арц ныссагъта, израиладжы дӕр амардта ӕмӕ сылгоймаджы дӕр. Уыйадыл израилӕгтӕ рыны азарӕй фервӕзтысты.
«Райс левитты Израилы фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — уыдоны фосы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн: Ӕз — Дунедарӕг.
Куы сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн хаст нывондау куы раттай, уӕд левиттӕн сӕ бон у бацӕуын ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын.