Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Малахиа 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыдӕттӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут ӕмӕ зӕгъдзыстут: «Дунедарӕджы хъомыс Израилы арӕнтӕй дарддӕр аххӕссыд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Малахиа 1:5
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ, ныффидиссаг сӕ кодта, хӕлӕттаг ӕмӕ хынджылӕггаг сӕ скодта, уӕхӕдӕг ӕй куыд уынут, афтӕ.


Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.


Бирӕ адӕмты раз сын равдисдзынӕн Ме стырад ӕмӕ Мӕ уаз ном, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Уӕд Израилы сахарты цӕрджытӕ рацӕудзысты ӕмӕ артагӕн хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты: рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, фаттӕ ӕмӕ ӕрдынтӕ, мыдзыратӕ ӕмӕ ӕрцытӕ. Авд азы дӕргъы сӕ судздзысты.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Уӕхи цӕстытӕй федтат сымах, Дунедарӕг цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый.


Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта.


Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ ӕххуысмӕ куы скуывтой, уӕд Ӕз сымахӕй мысырӕгты ’хсӕн дуне ныттар кодтон, мысырӕгтӕм денджызы уылӕнтӕ сарӕзтон, ӕмӕ сӕ быны фесты. Уӕхи цӕстӕй федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цы бакодтон, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ сымах дзӕвгар рӕстӕг фӕцардыстут ӕдзӕрӕг быдыры.


Багъӕцут-ма ӕмӕ фендзыстут, Дунедарӕг уын цы стыр диссаг равдисдзӕн, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ