Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Малахиа 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Малахиа 1:12
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Дунедарӕджы кӕй айрох кодтай, уый тыххӕй дӕ ноггуырд фырт амӕлдзӕн».


Уыди дзы хъӕдын нывондхӕссӕн, йӕ бӕрзӕнд — ӕртӕ ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх та — фӕйнӕ дыууӕ ӕлмӕрины. Йӕ тигътӕ дӕр, йӕ бын дӕр ӕмӕ йӕ къултӕ дӕр уыдысты хъӕдӕй конд. Чи мӕ ӕрбакодта, уыцы лӕг мын загъта: «Уый, Дунедарӕджы раз чи лӕууы, уыцы фынг у».


Уыдон-иу ӕрбацӕудзысты Мӕ Кувӕндонмӕ ӕмӕ-иу ӕрбаввахс уыдзысты Мӕ фынгмӕ, цӕмӕй Мын лӕггад ӕмӕ уаз куыст кӕной.


Дӕхи бабын кодтай, Израил, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ, дӕ иунӕг ӕххуысгӕнӕджы ныхмӕ, рацыдтӕ.


Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Мӕгуыртӕн сӕ сӕртӕ рыджы бын ныккодтой, сӕ фӕндагыл сын сӕвӕрдтой цӕлхдуртӕ. Фыд ӕмӕ фырт иу сылгоймагимӕ хӕтынц, сӕгад Мын кодтой Мӕ уаз ном.


Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Фӕлӕ сымах уыцы фӕндагӕй азылдыстут, ӕмӕ бирӕты фӕрӕдийын кодтат, Ӕгъдауы домӕнтӕ нал ӕххӕст кӕнынц. Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сымах аххосӕй фауынц муртаттӕгтӕ Хуыцауы ном».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ