Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Малахиа 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Малахиайы уылты Израилӕн хъусын кӕны рагуац:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Малахиа 1:1
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.


Адӕмӕй, пехуымпартӕй кӕнӕ сауджынтӕй дӕ исчи куы фӕрса, Дунедарӕг цавӕр рагуац рарвыста, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъ: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхӕдӕг уӕхицӕн рагуацтӕ систут, Ӕз уӕ ныууагътон».


Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.


Пехуымпар Аввакумы цӕстылуайӕн — рагуац.


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Ӕвдӕм мӕйы дыууын фыццӕгӕм бон Дунедарӕг раргом ис пехуымпар Аггеймӕ, ӕмӕ Йӕ ныхас уыд:


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты;


Иудӕ ракодта мӕнгард ми, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йерусалим ӕмӕ ӕгас Израилы. Иудӕ фегад кодта, Дунедарӕг кӕй уарзта, уыцы Кувӕндон, ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ чи куывта, ахӕм чызджы ӕрхаста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ