35 Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».
Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.
«Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг — Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн Мӕ раст тӕрхон фехъусын кӕндзӕни.
Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».
Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
Сыгъдӕг Уд Ӕм бӕлоны хуызы ӕрцыд ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд тынг фӕтарстысты.
Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн!»
Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.
уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».
Алцӕмӕй дӕр сси ӕххӕст, ӕмӕ Йе ’ппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн.