16 Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не ’рфӕлдахы, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, цӕмӕй бацӕуджытӕн рухс кӕна.
Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ сусӕг ран кӕнӕ дурыны нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ сӕвӕры.
Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.
Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ оливӕ бӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны.