42 Цӕмӕй сӕ бафыстаиккой, уый сӕ иумӕ дӕр нӕ уыди, ӕмӕ дыууӕйӕн дӕр ныххатыр кодта. Зӕгъ-ма, уыдонӕй йӕ кӕцы бауарздзӕн фылдӕр?»
Сылгоймаг загъта: «Дӕхӕдӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕмӕн архайыс? Паддзах йӕ уынаффӕйӕ йӕхи азымджын кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг, кӕй атардта, уыцы фырты фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхта.
дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.
Фӕлӕ уын Ӕз Мӕхи сӕраппонд барын уӕ фыдракӕндтӕ, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нӕ бадардзынӕн уӕ цӕстмӕ.
Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ, ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ. Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».
Паддзах ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ ауагъта, йӕ хӕс дӕр ын ныббарста.
Паддзах тынг смӕсты ис ӕмӕ йӕ хъизӕмарӕй марын кодта, цалынмӕ йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.
Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.
Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у».
фӕлӕ Хуыцау, Йӕ хорзӕх сӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы — Чырысти сын ӕлхӕны сӕрибар.
Лӕмӕгъ ма куы уыдыстӕм, уӕд нысангонд ӕмгъуыдыл Чырысти амард тӕригъӕдджынты сӕраппонд.
Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».
Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,
Цӕрут хӕларӕй, кӕрӕдзийы зындзинад уӕм хъарӕд, Хуыцау уын Чырыстийы фӕрцы куыд ныббарста, афтӕ хатыр кӕнут кӕрӕдзийӕн.
Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕ куы фӕхӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.