Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 7:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Йесо загъта: «Иу чидӕр дыууӕ лӕгӕн ӕфстау радта: иу дзы дардта фондзсӕдӕ динары, иннӕ та — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 7:41
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Дунедарӕг мын загъта: «Израилы чызг мыл сайдӕй рацыди, фӕлӕ йӕ мӕнгард Иудей цӕсгомджындӕр у.


«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.


Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.


Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.


Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон Ын загътой: «Уӕд та мах ацӕуиккам ӕмӕ ацы адӕмы бафсадынӕн иу-дыууӕсӕдӕ динары аргъ дзул балхӕниккам?»


Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ. Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».


Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.


Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты?


Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».


Цӕмӕн, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн: бирӕ тӕригъӕдтӕ йын барст ӕрцыд, ӕмӕ бирӕ дӕр уымӕн бауарзта. Чысыл тӕригъӕдтӕ барст кӕмӕн ӕрцыд, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».


Уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр бацыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы кадӕй ӕнӕхай фесты,


Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ