Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 6:46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

46 Цы уын зӕгъын, уый куы нӕ кӕнут, уӕд Мӕм „Хицау, Хицау!“ цӕмӕн дзурут?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 6:46
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.


Уӕдмӕ иннӕ чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: „Хицау, Хицау, дуар нын бакӕн!“


Иу талант чи райста, уый дӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, ӕз зыдтон, ды карз лӕг кӕй дӕ, уый. Кӕм нӕ байтыдтай, уым кӕрдыс, кӕм нӕ райдзӕгътай, уым ӕмбырд кӕныс.


Уӕд Ӕй уыдон дӕр фӕрсдзысты: „Бардарӕг, кӕд Дӕ федтам стонгӕй, кӕнӕ Дын дойны кӕд уыди? Кӕд Дӕ федтам бӕлццонӕй кӕнӕ бӕгънӕгӕй, рынчынӕй кӕнӕ ахӕстӕй ӕмӕ Дын кӕд нӕ балӕггад кодтам?“


Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.


Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ