44 Алы бӕлас дӕр йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы: какон сындзӕй легъуи не ’ртондзынӕ, сындзкъутӕрӕй та — сӕнӕфсир.
Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй.
Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?
Уӕдӕ уыцы адӕмы дӕр сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.
Ме ’фсымӕртӕ, легъуи бӕласыл, мыййаг, оливӕ бӕласы гагатӕ ӕрзайдзӕни, сӕнӕфсирыл та — легъуийы дыргътӕ? Афтӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ гуыры.
Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.