28 уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, уе ’фхӕрджыты тыххӕй кувут.
Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Филистимӕгтӕ иудейӕгтӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кӕй кастысты ӕмӕ сӕм ӕдзух фыдзӕрдӕ даргӕйӕ, уыдонӕй суанг се сӕфты бон дӕр сӕ маст ӕгъатырӕй кӕй истой,
афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ».
Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.
Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.
Фӕлӕ Ӕз сымахӕн, Мӕнмӕ хъусджытӕ, зӕгъын: уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн,
Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Иууылбӕрзонды хъӕбултӕ — Уый ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсы.
Муртаттӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ сӕ хистӕртимӕ скодтой апостолты бафхӕрыны ӕмӕ сӕ дуртӕй амарыны фӕнд.
Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.
Уе ’фхӕрджыты ӕлгъитгӕ ма кӕнут, фӕлӕ сын хорзӕх курут Хуыцауӕй.
нӕ къӕбӕр уӕнгдыхӕй амал кӕнӕм. Ӕлгъитгӕ нӕ чи кӕны, уыдонӕн мах та Хуыцауӕй хорзӕх курӕм. Ӕфхӕрынц нӕ — мах фӕразӕм.
Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.
Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.