25 Рынчын уайтагъд рабадти, фелвӕста йӕ хуыссӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, ацыди йӕ хӕдзармӕ.
Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс.
Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!
Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд ӕмӕ кад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн.
Уый фестади, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз рацыди. Иууылдӕр дисы бафтыдысты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм диссаг никуыма федтам».
Йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ис ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.
Уыцы сахат куырм лӕг цӕстӕй суыдта ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, Йесойы фӕдыл ацыди. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр кад кодтой Хуыцауӕн.
Йесо Йӕм Йӕ къух бадардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ рынчын уайтагъд йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх ис.
Ӕмӕ та уӕд дыккаг хатт фӕдзырдтой раздӕры куырммӕ ӕмӕ дзы домдтой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый».