50 Ӕмӕ сӕ сахарӕй Вифанийы онг ракодта. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ сын арфӕ ракодта.
Мӕ уарзон хӕринаг мын сцӕттӕ кӕн, ӕмӕ дзы ӕз бахӕрон, цӕмӕй дын, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ арфӕ ракӕнон».
Йосеф йӕ фыдӕн дзуапп радта: «Мӕ фырттӕ, Хуыцау мын ам кӕй радта, уыдон». Йаков ын загъта: «Ӕрбакӕ-ма сӕ, ӕмӕ сын арфӕ ракӕнон».
Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.
Аарон нывӕндтӕ куы ӕрхаста — тӕригъӕды нывонд, иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывонд — уӕд йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ дӕлӕмӕ ӕрцыди.
Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.
Ӕмӕ сабиты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, Йӕ къухтӕ сыл авӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта.
Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йесо фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ
Арфӕгӕнгӕйӕ сӕ адард ис ӕмӕ уӕларвмӕ ссыди.
Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕлӕрвтӕм, ӕмӕ йӕ ӕврагъ бамбӕхста.
Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй.
Уый фӕстӕ сын Йешуа раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.