Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 24:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 24:44
88 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн


Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».


Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъар суыдзӕни куырыхон хъуыддӕгтӕ аразӕг. Скадджын уыдзӕн, схиздзӕн уӕлӕмӕ, сбӕрзонд уыдзӕн.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз ратондзынӕн бӕрзонд кедры цъупп, йӕ уӕллаг къалиуты ӕвзонгдӕр, ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн бӕрзонд ӕмӕ цытджын хохыл.


Мӕ фосы сӕргъы сӕвӕрдзынӕн иу фыййауы, чи сӕ хиза, уый — Мӕ цагъар Давиды. Уый сӕ хиздзӕн, уыдзӕни сӕ фыййау.


Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Уыцы бон Ӕз Давиды пырх цатыр ногӕй сӕвӕрдзынӕн. Йӕ зыхъхъыртӕ йын сӕхгӕндзынӕн, йӕ пырхытӕ йын банывыл кӕндзынӕн, кӕддӕр куыд уыдис, афтӕ та йӕ рацараздзынӕн,


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.


Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Сараз дӕхицӕн калмы ныв, хъилыл ӕй бакӕн ӕмӕ-иу ӕм, калм кӕуыл фӕхӕцыд, ахӕм исчи куы бакӕса, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн».


Дзыллӕ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ йӕ, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарыл фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕной. Цӕрӕд уым уаз сойӕ сӕрст хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ.


Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы фехъусын кодта, уый:


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.


Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд куыд сӕххӕст уыдзӕн, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый?»


Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.


Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ сты мастисӕн бонтӕ, цӕмӕй йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни».


ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.


Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт бавзардзӕни бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, мард ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».


«Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухмӕ».


Ӕмӕ Моисей ӕдзӕрӕг быдыры ӕрхуы калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр хъуамӕ уӕлӕмӕ ист ӕрцӕуа,


Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.


Уӕвгӕ, Моисейыл куы ӕууӕндиккат, уӕд Мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый Мӕн тыххӕй фыста.


дыккаг псаломы куыд фыст ис, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ“.


Уӕдӕ уӕхи хизут, цӕмӕй уыл пехуымпары ныхас ма ӕрцӕуа:


уымӕн ӕмӕ Ды мӕн нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты, Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.


Хуыцау пехуымпарты дзыхӕй Чырыстийы хъизӕмӕртты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта.


Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы Хуыцау скӕндзӕни Пехуымпар“.


Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна.


Моисей ӕнувыд уыди Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл, фӕлӕ — лӕггадгӕнӕгау: цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн.


«Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын арфӕ ракодта.


Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Уаз Цӕрӕн ис, уӕдмӕ ног Рухсмонуатмӕ фӕндаг гом нӕма у.


Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.


Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ