Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 24:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 24:41
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.


Фӕлӕ уыдон, Йесо райгас ис ӕмӕ Йӕ Мариа федта, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.


Уыдон раздӕхтысты ӕмӕ хабар иннӕтӕн дӕр радзырдтой. Фӕлӕ уыдоныл дӕр нӕ баууӕндыдысты.


Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ та уыдон дӕр байуӕрстой.


Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сын фенын кодта Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ къӕхтӕ.


Физонӕггонд кӕсаджы кӕрдих Ӕм радтой.


Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.


Йесо сӕ бафарста: «Исты ӕрцахстат, мӕ хӕлӕрттӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницы».


Уый Петры йӕ хъӕлӕсӕй базыдта, фӕлӕ фыр цинӕй кулдуар нӕ фегом кодта, афтӕмӕй базгъордта фӕстӕмӕ — Петр дуармӕ кӕй лӕууы, уый фехъусын кӕнынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ