28 Цы хъӕумӕ цыдысты, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Йесойы фӕндыд дарддӕр цӕуын.
ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».
Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн».
Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».
Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.
Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕивгъуыйы». Уӕд Уый дӕр бацыди хъӕумӕ ӕмӕ семӕ баззади.