50 Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,
Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.
Йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ.
Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».
Варнавӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Бардарӕгыл баууӕндыдысты бирӕ адӕм.
Йесойы тыххӕй цы фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы.