46 Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухмӕ Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ, афтӕ куыддӕр загъта, афтӕ Йӕ уд систа.
Ӕз Дын мӕ тӕригъӕдыл басастӕн ӕмӕ нӕ бамбӕхстон мӕ азым. Ӕз загътон: «Дунедарӕгӕн раргом кӕнон мӕ фыдракӕндтӕ», ӕмӕ мын Ды мӕ тӕригъӕд ныббарстай.
уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.
Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг».
Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.
Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар.