Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 23:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уымӕн ӕмӕ, кӕд цъӕхвӕлыст бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕры хус бӕласӕн та цы бакӕндзысты?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 23:31
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы ’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Уӕд хӕхтӕн лӕгъстӕ кӕндзысты: „Ӕркӕлут ныл!“ — къуыбыртӕн: „Ӕрӕмбӕрзут нӕ!“


Йемӕ ма Йын марынмӕ акодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.


Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ