16 Ӕз Ӕй ехсӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ ахӕстонӕй рауадздзынӕн».
Уӕззау цӕфтӕ йыл ӕруади нӕ фыдракӕндты тыххӕй, сау хъизӕмар бавзӕрста нӕ азымы тыххӕй. Нӕ фарны сӕраппонд баййӕфта ӕфхӕрд, фӕлӕ мах Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм.
Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.
Уӕд Пилат, адӕмы зӕрдӕ балхӕныны охыл, Вараввӕйы ахӕстонӕй рауагъта, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзынмӕ радта.
[Бӕрӕгбоны тыххӕй Пилатӕн ӕмбӕлди иу ахӕсты суӕгъд кӕнын.]
Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».
Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр нӕ рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын Уый дӕр ныххатыр кӕндзӕн.
Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй».