Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 22:62 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

62 Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 22:62
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз Ефремы хъӕрзын хъусын: «Хивӕнд родау мӕ бафхӕрдтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййӕфтон. Раздах мӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхон, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, мӕ Хуыцау!


Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгӕй ныккуыдта.


Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ — Хуыцау сӕ барӕвдаудзӕн.


Уӕд уасӕг дыккаг хатт ныууасыд. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: «Уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Ӕмӕ кӕуын райдыдта.


Уӕд Хицау Петрмӕ Йе ’ргом разылдта ӕмӕ йӕм бакаст. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыди, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ».


Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ цавтой.


Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ