55 Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ йӕ алыварс куы ӕрбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ.
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.
Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны
Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.
Лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй йӕ иу арты рухсмӕ федта, ӕдзынӕг ӕм ныккасти ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыди».
Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».