46 Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».
Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам».
Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын Йесо загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».
Куывд куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ фыр мӕтӕй сӕ тых басасти.