Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 22:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Петр Ын загъта: «Хицау, ӕз Демӕ ахӕстонмӕ цӕуынмӕ дӕр ӕмӕ мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ дӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 22:33
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у, уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.


Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.


Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?


Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзынӕн, уымӕй бануазын [кӕнӕ Ӕз кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын] суыдзӕни уӕ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн».


Уӕд Ын Петр загъта: «Иууылдӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр Дӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн».


Фӕлӕ Петр ноджы ныфсджындӕрӕй дзырдта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕтӕ дӕр.


Фӕлӕ йын Йесо афтӕ: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Хорз ус, ӕз Ӕй зонгӕ дӕр нӕ кӕнын».


Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн тыххӕй ратдзынӕ? Зӕгъын дын: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи.


Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ