Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 21:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон цы хох хуынди, ууыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 21:37
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.


Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыди. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо фӕдзырдта дыууӕ ахуыргӕнинагмӕ


Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.


Стӕй азарыдысты арфӕйы зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.


Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.


Дыккаг бон Вифанийӕ куы рацыдысты, уӕд Йесо сыстонг ис.


Куы баизӕр ис, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ сахарӕй рацыди.


Ӕз ӕрвылбон уемӕ Кувӕндоны уыдтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый хъуамӕ сӕххӕст уа».


Елеон, зӕгъгӕ, уыцы хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ фӕдзырдта


Елеоны хохы ӕрхизӕнмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Хуыцауы стауын райдыдтой, сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, ӕппӕт уыцы диссӕгты тыххӕй:


Йесо алы бон дӕр Кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта. Алчертӕ, динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ та Йӕ амарынвӕнд кодтой,


Йесо рацыд ӕмӕ та иннӕ хӕттытау ныр дӕр араст ис Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.


Куадзӕнмӕ ма ӕхсӕз боны уыди, афтӕ Йесо ӕрбацыди Вифанимӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры хӕдзармӕ.


Ацы бынат зыдта Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр — Йесо ӕмӕ-иу Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым арӕх ӕрӕмбырд сты.


Уыйадыл апостолтӕ уырдыгӕй, Елеоны хохӕй, фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхтысты; уыцы хох Йерусалиммӕ хӕстӕг у — сабаты бонцау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ