39 Йосиф ӕмӕ Мариа Хуыцауы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕппӕт дӕр куы бакодтой, уӕд раздӕхтысты Галилеймӕ, кӕм цардысты, уыцы сахар Назаретмӕ.
Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.
Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыд, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ,
Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.
Йосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй араст ис Иудеймӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг уыди.
Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.
Йесо ацыди, кӕм схъомыл ис, уыцы Назаретмӕ. Куыд ахуыр уыди, афтӕ сабаты синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ слӕууыд Сыгъдӕг Фыстӕй бакӕсынмӕ.
Йесо сын загъта: «Сымах Мын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕмбисонд ӕрхӕсдзыстут: „Дохтыр, Дӕхи уал сдзӕбӕх кӕн“. Ноджы ма Мын зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цытӕ сарӕзтай, уый, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ ам, Дӕхи сахары дӕр, сараз“.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.