44 Ныппырх дӕ кӕндзысты, дӕ цӕрджыты дын ныццӕгъддзысты дӕ мидӕг ӕмӕ дӕ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцауы ӕрцыды афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй».
Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?
Алырдыгӕй дыл ӕрхъула кӕндзынӕн, дӕ алыварс хӕцӕн мӕсгуытӕ сараздзынӕн, сыджытбырутӕ самайдзынӕн дӕ ныхмӕ.
Иунӕг дӕр дзы нӕ фервӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ тӕрхоны заман Ӕз Анатоты цӕрджытыл фыдбылыз бафтаудзынӕн».
Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.
Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.
Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.
Йесо сын загъта: «Уынут ацы бӕстыхӕйттӕ? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».
Йесо йын дзуапп радта: «Ацы стыр бӕстыхӕйттӕ уыныс? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».
«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.
уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ барон у. Йӕ хорзӕхы руаджы нын уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕни Сӕуӕхсид,
ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у.
«Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг ӕмӕ, ам, цы уынут, уыдонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, иууылдӕр ныппырх уыдзысты».
Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.