Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 19:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 19:27
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ ӕфсӕн цыргъагӕй кӕнӕ арцы хъӕдӕй кӕй фелвасынц ӕмӕ арты кӕй баппарынц».


Де ’фсӕн лӕдзӕгӕй сӕ ӕрцӕвдзынӕ, дурынтау сӕ ныззыгуым кӕндзынӕ“».


Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.


Сахарӕй хъуысы тохуынӕр, Кувӕндонӕй — фӕдисхъӕр! Уый Дунедарӕг Йӕ фыдгултыл бафтыдта Йӕ фыдӕх.


Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.


Фӕлӕ ацы сахар фесафдзӕн, доны бын ӕй фӕкӕндзӕн, Йе знӕгты саудалынгмӕ ныппардзӕн!


Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.


Фӕлӕ, йе ’мбӕстӕгтӕн ӕнӕуынон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыдон бавдӕлдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдыл минӕвӕрттӕ арвыстой ахӕм ныхӕстимӕ: „Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нын ацы адӕймаг паддзахиуӕг кӕна“.


Ӕрцӕудзӕн, уыцы ӕххуырст кусджыты ныццӕгъддзӕн ӕмӕ йӕ сӕндон ратдзӕн ӕндӕртӕн». Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизӕд!»


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ сты мастисӕн бонтӕ, цӕмӕй йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, «Йе знӕгты Йын Хуыцау Йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ».


Уӕд адӕм загътой Самуелӕн: «Чи дзырдта, Саул паддзахӕн нӕ бӕззы? Ракӕнут-ма уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ мах амарӕм».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ