33 ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.
ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.
Ратдзысты Йӕ муртаттӕгты къухмӕ, ӕмӕ Дзы уыдон хынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ ӕмӕ Йыл тутӕ кӕндзысты,
Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
Мах та нӕ зӕрдӕ дардтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый кӕй у, ууыл. Йӕ байтыгъдыл ныр ӕртыккаг бон цӕуы,
„Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухмӕ. Уыдон Ӕй дзуарыл байтындздзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни“».