Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 18:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ, Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 18:31
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.


ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.


Хӕргӕ чи кодта, уыдон та уыдысты цыппар мины бӕрц. Йесо сӕ афӕндараст кодта,


Йесо йын дзуапп радта: «Иу лӕг Йерусалимӕй фӕцӕйцыди Йерихонмӕ ӕмӕ абырджыты къухмӕ бахауд. Уыдон ын раластой йӕ дарӕс, тынг ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой.


Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт бавзардзӕни бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, мард ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».


Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ