28 Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».
Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах алцыдӕр ныууагътам ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»
Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.
Уӕд Ын Петр райдыдта дзурын: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».
Кӕсагахсджытӕ дыууӕ бӕлӕгъы дӕр былмӕ раластой, ӕд кӕсӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕд хызтӕ уым ныууагътой ӕмӕ сӕхӕдӕг Йесойы фӕдыл ацыдысты.
Стӕй Йӕ ахуыргӕнинагӕн загъта: «Мӕнӕ уый — дӕ мад!» Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ мад царди ахуыргӕнинаджы хӕдзары.
Фӕлӕ мӕм раздӕр пайдайаг цы касти, уый Чырыстийы тыххӕй банымадтон ницӕуыл.