16 Йесо сабитӕм фӕдзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, адоны хуызӕн чи у, уыдоны у.
Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын Авраам сунӕт скодта, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Иудейӕгтӕ иууылдӕр лӕууыдысты Дунедарӕджы раз, ӕд сабитӕ, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд фырттӕ.
Иу зӕрдӕ ӕмӕ иу фӕндаг сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ цӕрӕнбонты тӕрсой сӕхи ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты фарны сӕраппонд.
Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад, сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у».
Йесомӕ кодтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕни».
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Уымӕн ӕмӕ ӕнӕуырнӕг лӕгӕн йӕ зӕрдӕ йӕ уырнӕг усы фӕрцы ссыгъдӕг вӕййы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр йӕ уырнӕг мойы фӕрцы сыгъдӕг кӕны. Науӕд уӕ цот сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты.
сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг.
Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.
Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг монон сыгъдӕг ӕхсыр — рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ.