1 Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:
Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.
Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!
Хуыцауы сахар, дӕ кады кой айхъуысти дӕрдтыл!
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
Ма ныхъхъус ут, кувут Дунедарӕгмӕ, цалынмӕ Йерусалимы сахар ногӕй сараза, цалынмӕ, йӕ кады ном дунейыл кӕмӕн айхъуыса, ахӕм сахар дзы сараза, уӕдмӕ!
Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.
Хӕхтӕн сӕ бындурмӕ ныххӕццӕ дӕн, зӕхх мыл йе ’вдузӕнтӕ сӕхгӕдта мыггагмӕ, фӕлӕ мын Ды, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ уд ракӕндзынӕ зындонӕй.
Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы.
Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».
Уӕ ныфс уын цины хос уӕд; зынтӕн фӕразут, ӕвӕллайгӕ кувут.
Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.
Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.
Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ Йын кӕнут, арфӕ Йын кӕнгӕйӕ, ӕргом кӕнут уӕ фӕндиӕгтӕ,
Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.
Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.
Кувут иудадзыг.
Дунедарӕгмӕ куывта ӕмӕ куывта, Елиа та йӕм касти.