Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 17:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Иуахӕмы фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 17:20
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


„Уӕ сахары нӕ къӕхтыл цы рыг ӕрбадти, уый дӕр ӕрцагътам ӕмӕ уын ӕй уӕхицӕн уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс ис, уый“.


Иу сабаты Йесо сихор хӕрынмӕ фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ бацыд, ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.


Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.


Адӕм уыцы ныхӕстӕм куы хъуыстой, уӕд ма сын Йесо иу ӕмбисонд ӕрхаста, уымӕн ӕмӕ Йӕ бирӕ нал хъуыди Йерусалиммӕ, ӕмӕ адӕм ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ.


Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй Ӕз иудейӕгты къухмӕ ма бахауон. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ