Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 15:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уый йын дзуапп радта: „Де ’фсымӕр ӕрбацыд, ӕмӕ йын дӕ фыд, йӕ хӕдзарыл сӕрӕгасӕй кӕй сӕмбӕлд, уый тыххӕй хӕрзхаст род аргӕвста“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 15:27
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“.


Фӕсдзӕуинтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ, цы хабар у, зӕгъгӕ, бафарста.


Хистӕр фырт смӕсты ис, ӕмӕ йӕ мидӕмӕ бацӕуын нал фӕндыд. Уӕд ӕм фыд рацыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын райдыдта.


Фӕлӕ дын хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынди, афтӕ йын хӕрзхаст род аргӕвстай“.


ӕрбацыди мӕнмӕ, ӕрлӕууыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын загъта: „Ме ’фсымӕр Савл, дӕ цӕстӕй ракӕс“. Ӕз уыйадыл ракастӕн мӕ цӕстӕй ӕмӕ йӕ федтон.


Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».


цагъар дын мауал уа, фӕлӕ цагъарӕй уӕлдӕр — уарзон ӕфсымӕр. Ӕз ӕй бирӕ уарзын, фӕлӕ дӕуӕн та ноджы зынаргъдӕр суыдзӕн — куыд адӕймаг ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы де ’фсымӕр.


Сылгоймаг, йӕ хӕдзары цы хӕрзхаст уӕныг уыди, уый аргӕвдын кодта. Стӕй райста ссад, хыссӕ ракодта, донгонд дзултӕ афыхта


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ