27 Йӕ дзуар чи нӕ хӕссы ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.
Йӕ дзуар чи нӕ райса ӕмӕ Мӕ фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уый Мӕн аккаг нӕу.
Фӕлӕ ӕнӕуидаг у, ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд йӕ уырнындзинад фӕцуды.
Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыди иу киренӕйаг лӕг, Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.
Исчи уӕ мӕсыг амайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕнис ӕмӕ, йӕ саразынӕн ӕй цытӕ хъӕуы, уыдӕттӕ нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй, цас хардз ӕй хъӕуы, уый бӕрц ӕм ис ӕви нӕ, уый базона?
Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.
Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Ӕниу, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕстӕ сыгъдӕгӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты.