50 Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!
Хъус-хъус кӕнынц, сӕ марг калынц:
ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
Ӕз зӕхмӕ арт ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мӕ куыд тынг фӕнды, цӕмӕй ныридӕгӕн ссудза!
Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»
Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.
Фӕлӕ Йе ’фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр араст ис уырдӕм, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ — куыд ничи Йӕ базыдтаид, афтӕ.
Ныр та мӕ Сыгъдӕг Уд ӕрвиты Йерусалиммӕ, ӕмӕ мыл уым цы ’рцӕудзӕни, уый нӕ зонын.