Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Лука 10:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Лука 10:19
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уын кӕд мӕ фыды ӕфсондз уӕззау уыди, уӕд уын ӕй ӕз та ноджы уӕззаудӕр скӕндзынӕн. Мӕ фыд уӕ ӕфхӕрдта хуымӕтӕг ехсытӕй, ӕз та — сындзджын ехсытӕй“».


Рӕстгӕнӕг дыргъбӕласау дидинӕг калдзӕн, хӕрдмӕ фӕцӕудзӕни ливайнаг кедрау.


Дзидзидай саби хъаздзӕни маргджын калмы хуынчъы раз, йӕ къух-иу дзы атъысдзӕни.


Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.


кӕлмыты исдзысты сӕ къухтӕм ӕмӕ, марг куы бануазой, уӕд дӕр сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл сӕ къухтӕ ӕвӕрдзысты, ӕмӕ-иу уыдон адзӕбӕх уыдзысты».


Айк дзы куы кура, уӕд ын йӕ къухы къӕдздым фӕсадздзӕн?


Фӕлӕ Павел калмы йӕ цонгӕй ӕрцагъта артмӕ ӕмӕ йын ницы зиан скодта.


Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын басӕтдзӕни сайтаны. Нӕ Бардарӕг Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Аммен.


Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ