60 фӕлӕ йӕ мад не сразы: «Нӕ, Иоанн ӕй схонӕм».
ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.
Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз.
Ӕмӕ йӕм ӕмгӕрон не ’рцыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт, ӕмӕ Йӕ Йосиф схуыдта Йесо.
Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.
Уыдон ын загътой: «Дӕ хӕстӕджытӕй ахӕм ном никӕуыл ис».
Уый ракуырдта фӕйнӕджы гӕбаз ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном Иоанн у». Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты.