Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Левит 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сомыйы фӕдыл кӕнӕ бархийӕ цы нывонд ӕрхӕссой, уымӕн та йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы йе ’рхӕссыны бон, цы ма дзы баззайа, уый та — дыккаг бон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Левит 7:16
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ израилӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр Дунедарӕгӕн хастой бархи лӕвӕрттӕ, Дунедарӕг Моисейӕн цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн.


„Абон ӕз фидыды нывӕндтӕ ’рхастон, мӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтон.


Адӕмы фӕтӕг Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг кӕнӕ фидыды нывонд бархийӕ ӕрхӕссинаг куы уа, уӕд-иу ын байгом кӕнӕнт скӕсӕйнаг кулдуар, ӕмӕ-иу, сабаты куыд бакодта, афтӕ ӕрхӕссӕд йӕ иууылсудзинаг ӕмӕ йӕ фидыды нывонд, уый фӕстӕ-иу рацӕуӕд. Куы рацӕуа, уӕд-иу кулдуар ӕхгӕд ӕрцӕуӕд йӕ фӕдыл.


Стур кӕнӕ фысӕн йӕ къӕхтӕ ӕгӕр даргъ кӕнӕ ӕгӕр цыбыр куы уой, уӕд ӕй ис ӕрхӕссӕн бархийы нывондӕн. Сомыйы нывондӕн ӕй нӕй ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.


Дунедарӕгӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат, уӕд ӕй ӕрхӕссут афтӕ, цӕмӕй барст уа.


Ӕппӕт уыдӕттӕ кӕнут, сабаттӕй — Дунедарӕджы бонтӕй, стӕй уе ’ппӕт лӕвӕрттӕй, ардбахӕрд ӕмӕ бархийы нывӕндтӕй уӕлдай.


Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.


ӕмӕ Дунедарӕгӕн уе стуртӕ кӕнӕ уӕ фысвосӕй нывӕндтӕ куы хӕссат — иууылсудзинаг нывонд уа ӕви сомыйы нывонд, бархийы нывонд, бӕрӕгбоны фӕдыл ӕви ӕндӕр исты нывонд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн куы судзат,


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Дӕ хоры сӕртӕ, дӕ сӕны ӕмӕ оливӕйы сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ фысвосы сӕртӕ, снывонд кӕныны охыл цӕмӕйдӕриддӕр дзырд радтай, бархийы нывонд уа ӕви хуын, бахӕрыны бар дын ӕй нӕй дӕ сахары.


Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у.


Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ