15 Бузныджы охыл цы фидыды нывонд ӕрхӕссой, уымӕн йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы нывонд ӕрхӕссыны бон, райсоммӕ уадзын дзы не ’мбӕлы.
Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.
Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз сӕ хӕр алы аз дӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым.