11 Мӕнӕ Дунедарӕгӕн фидыды нывонд хӕссыны ӕгъдау.
Езекиа ноджы загъта: «Ныр сымах уӕхи Дунедарӕгӕн снывонд кодтат. Гъемӕ уӕдӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссут». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссын райдыдтой, кӕй фӕндыди, уыдон та ма иууылсудзинӕгтӕ дӕр ӕрхастой.
Ногӕй сарӕзта Дунедарӕджы нывондхӕссӕн, фидыды ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ йыл ӕрхаста. Иудейӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.
„Абон ӕз фидыды нывӕндтӕ ’рхастон, мӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтон.
Израилы лыстӕг фосы дзугтӕй дыууӕсӕдӕ фысӕй — иу фыс. Ӕппӕт уыдон хъӕуынц хойраджы хуынӕн, иууылсудзинагӕн ӕмӕ фидыды нывондӕн, адӕмы ссыгъдӕг кӕныны охыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы, нывондӕн ӕй куы ӕрхӕссат, уыцы бон, стӕй дыккаг бон. Ӕртыккаг бонмӕ ма дзы цы баззайа, уый арты сыгъд ӕрцӕуӕд.
Дунедарӕгӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат, уӕд ӕй ӕрхӕссут афтӕ, цӕмӕй барст уа.
Алы хойраджы хуын дӕр — сойамӕст уа ӕви хус — Аароны ӕппӕт байзӕддӕгтӕм хауы. Хъуамӕ сӕм дзы ӕрхауа ӕмхуызон хӕйттӕ.
«Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса, уый дзы хъуамӕ Дунедарӕгӕн хай скӕна.
Иууылсудзинаг нывӕндтӕ Мын куы ’рхӕссут, уӕд уын сӕ нӕ айсын; арфӕйы нывондӕн Мын хӕрзхаст родтӕ куы аргӕвдут, уӕд сӕм кӕсгӕ дӕр не ’ркӕнын.
дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Нетанелы, Цуары фырты, хуын.